Новости из нашей группы Вконтакте




Новости

23.05.2022

Ма мадалон авзаг

В рамках празднования дня осетинского языка и литературы провели мероприятие «Ма мадалон авзаг». В празднике приняли участие дети подготовительной группы и старшей группы.Подготовила воспитатель осетинского языка и литературы Загалаева М.Дз.

Подробнее...

20.05.2022

«Мæ уарзон МАДÆЛОН ÆВЗАГ».

(Бæрæгбоны райдианы сценæйыл æвдыст цæуы презентаци Ирыстоны тыххæй, ирон фысджытæй æмæ ирон хæхты диссаджы æрдзæй).

Бæрæгбон байгом кæндзæн

Амонаг—Загалаты Марина

Заронд лаг—

Амонаг - Уæ бонтæ хорз зынаргъ æмбæлттæ!

- Тынг æхсызгон нын у абон та ногæй кæй æрбамбырд стæм, æмæ та мæнæ нæ иумыйаг рæсугъд ирон бæрæгбоныл кæй цин кæнæм. Адæймаг фыццаг йæхи хъуамæ уарза, стæй та искæй. Де ‘взаг ды куыннæ уарзай, уæд æндæр нацийы та кæм хъæуы.

Алы иронæн дæр сæрбæрзондæй йæ бон хъуамæ уа зæгъын: «Æз дæн ирон».

Ирон дæн æз, æз дзурдзынæн иронау!

Зынаргъ мын у мæ мадæлон æвзаг!

Мæйдар æхсæв нын рухс уыдзæнис бонау,-

Ирон æвзаг ирон фарнæй у дзаг.

Фыдæлты фарнæй хайджын дæ, Ирыстон!

Рæвдауы нæ ныййарæгау дæ зæхх.

Хъæбулау дыл мæ зарджытæ фæфыстон,

Хъæбадæйыу дæ тыгъ быдыры цъæх.

Залма арбахизы Заронд лаг- Ладо йа къухы къацал афтамай.-под осет.мелод.

Ладо –Уа бонта хорз ма гыццыл халартта ӕмӕ уа салам бирӕ. Афта бира адам цаман ис ацы уаты. Цы барагбон уам ис? Манан ма ном у Ладо аз ӕрцыдтан уазагуаты,Фиййаджыбылӕй. Постхасаг мам арбахаста писмо кацы йы уыд фыстаг фыстагы фыст уыд сыгъдаг уырыссаг авзагыл ама тынг мат канын на фассивад иронау кай нал дзурынц ама кай на фыссынц ууыл.

Амонаг-Ладо арбад мана ам ама дын мах бавдисдзыстам куы дзурам иронау.

15 - майы æппæт Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон фæбæрæг кæнæм иумæ нæ ирон æвзаджы бæрæгбон.Майы мæй у дидин æфтауæн рæстæг, æмæ уадз æмæ нæ ирон адæмы царды бæлæстæ дидин æфтауой, уадзой арф уидæгтæ, цъæх арвы бын.

Ладо-Сабита смах зонут ацы барагбон 15 майы цаман бараг канынц уый?

Амонаг- Ацы бон æвæццæгæн æнæхъуаджы не ‘рцыд æвзæрст, 1899 азы 15 майы рацыд мыхуыры Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр» дæр.

Ӕмӕ нын радзурдзан ӕмдзӕвгӕ (… )

Куыд хъæздыг у ирон æвзаджы суадон!

Нæ байсысдзæн æнустæм дæр йæ цад.

«Ирон фæндыр» - нæ зондамонæг фаззон,

Хæссы сæрибар, амонд æмæ цард.

Нæртон æвзаг – нæ хæхты хуызæн рагон,

Ныййарæг мадау, ды уымæн зынаргъ.

Къостайы фæдзæхст ма рох кæнут абон,

Æххæст кæнут йæ бæллицтæ сымах!

Амонаг-Сидæм сымахмæ нæ ирон фæсивæд, дзурут иронау, дзурут Къостайы æнæмæлгæ æвзагыл, ма йæ бауадзæм сæфын, знæгты къæхты бынмæ. Уыцы диссаджы рæсугъд æвзаг махмæ æнусты сæры ралæвæрдтой нæ фыдæлтæ скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ. Мах дæр æй адæттæм нæ сæрты, фæлтæрæй-фæлтæрмæ.

Ладо- Ацы ныхæстæ комкоммæ дæр смахмæ хауынц, фæсивæдмæ, йæхи ирон чи хоны, ирон зæххыл чи цæуы, йæ рæсугъд æрдзæй йын йæхи чи хъал кæны, амонд ацы зæххыл чи ссары, уыдонмæ.

-  Дунейы фарн зæгъæд ,æмæ алы ирон дæр куыд уа цæсгомджын ирон фарнæй, алы ирон дæр куыд уа хайджын Къостайы ‘взагæй!

Цард рæсугъд уæд у, æмæ хъæбул куы хъуса алыбон йæ мады фæлмæн хъæлæс,йæ мадæлон æвзагыл куы зæлой ирон дзырдтæ.

Амонаг- На сываллатта азардзысты зарӕг «       »

Амонаг-Ирон лаг каддӕриддӕр уыдис ӕмӕ уыдзан тыхджын хъаруджын ӕмӕ зонджын уадама бавзарам на тыхта мах дар.

Хъазт :«Бӕндӕнӕй хъазт».

Ӕмдзӕвгӕ

Ладо- Ама сымах амбисантта зонут мадалон авзагыл.

Мадалон авзаг мады ад каны.

Чи цал авзаджы зоны уал ладжы у.

Мадалон авзаг – Хуыцауы лавар

Авзаг фандаг амонаг у.

Адаман се взаг са айдан у.

Ладо- Ныр ма зарда нал хсайдзан на мадалон ӕвзагма. Куыд расугъд ама зондджын сты на кастартар фассивад.

Хъазт «Джигитовка».

Танец ( )

Сценка «Иронау нæ зоныс».

Зæронд ус( ) (йæ къухы лæдзæг, сумкæ, кæсæнцæстытæ.)

Лæппу:( )(Телефон наушниктæ)

Мад( )

Зæронд ус: (Рацæуы йæ къухы гæххæтты гæбаз, кæсы йæм æмæ цыдæр агуры).

Мæ хæдзар!! Кæм æй агурон?? Стæй цы æлхæнын, уый дӕр куы нӕ зонын . уӕдӕ ӕнӕахуырӕй взӕрдӕр исты ис? О.о. !! уӕртӕ уыцы лӕппуйы куы афӕрсин. Хорз лӕппу, дӕ бон хорз!

Лӕппу: (нӕ хъусы, йӕ хъусты наушниктӕ, йӕ къухты та телефон, афтӕмӕй йӕхинымӕр кафы йе уӕхсджытӕй).

Зӕронд ус: Дӕумӕ дзурын лӕппу! (ӕвналы йӕм) Нӕ мӕ хъусыс?? Ӕви ирон нӕ дӕ??

Лӕппу: (исы йӕ наушниктӕ) – Что бабуля? Я ирон нӕ жонис. (фӕстӕмӕ сӕ бакодта йӕ наушниктӕ)

Зӕронд ус: (гӕххӕт ӕм дары) Мӕ фырты фырт рынчын у, ӕмӕ хостӕм рацыдтӕн горӕтмӕ. Ӕркӕс ма ацы гӕххӕтмӕ ӕмӕ мын афтек дӕр бацамон.

Лӕппу: Бабуля! Я же сказал: Нӕ жони ирон. Афтек-мафтек, я не понимаю(иннӕрӕдӕм азылд ӕмӕ та йӕхицӕн кафы)

Зӕронд ус: Ай цавӕр лӕппу дӕ? Зӕронд адӕймаг дӕ сӕрмӕ нӕ хӕссыс ӕви? (сӕ ныхасмӕ лӕппуйы мад рацыд)

Мад:Цы дӕ хъӕуы мӕнӕ ус? Кӕй агурыс?

Зӕронд ус: О.о. ! Кӕдӕй уӕдӕй ма ирон горӕты, ирон ныхас фехъуыстон.мӕнӕ ацы лӕппу дӕ лӕппу у?

Мад: Мӕн у, мӕн, а что из этого?

Зӕронд ус: Иу ныхасӕн мын дзуапп нӕ радта, ӕвӕццӕгӕн иронау ӕцӕг не мбары, ӕви мӕ хынджылӕг кӕны?

Мад: Махӕн Вовӕчкӕ по осетински не понимать кӕны. Притом, хӕдзары все дзурӕм по русски.

Зӕронд ус: Ау!! Ӕмӕ уӕм ӕппындӕр худинаг нӕ кӕсы? Ахӕм хӕрзконд ирон лӕппу, ӕмӕ иронау дзурын йӕ сӕрмӕ нӕ хӕссы. ??

Мад: Ӕмӕ ирон та кӕм хъӕуы? Где это надо?? Мӕнӕн Вовчик Мӕскуыйы ахуыр кӕндзӕн.

Зӕронд ус: Мӕскуы бӕргӕ хорз у, фӕлӕ йӕхи ӕвзаг та?? Йӕ мадӕлон ӕвзаг ма хъуамӕ зона??

Мад: Оф! Цы кадджын дӕм кӕсы ирон ӕвзаг. Цы нын ныууагътой нӕ предкӕтӕ?

Зӕронд ус: (зӕхх ӕрхоста лӕдзӕгӕй) Цы? Ӕмӕ кадджын ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ рӕсугъд ӕвзаг! Кӕцыйы хъахъхъӕнын нӕ зонынц мӕнӕ дӕу хуызӕттӕ! Дӕ фыртӕн дӕр ды сӕнад кодтай йӕ мадӕлон ӕвзаг! Ӕмӕ чи у дӕ фырт, уый бӕрӕг дзы нал ис.

Мад: ацы хорз ус, цы дӕ хъӕуы махӕй? Нал нӕ ныууаддзынӕ абон? Надоела уже. Цы ӕххуыс дӕ хъӕуы? Кӕннод мне уже домой пора.

Зӕронд ус: Ницы мӕ хъӕуы дӕуӕй. Ирон адӕмы низтӕ бахӕр. !!

Мад: Не поняла! Пошли Вовчик! Ацы деревенщинӕ нӕ цалынмӕ нӕ фӕнадта, уӕдмӕ.(ацыдысты).

Ладо- Æнæмæнгæй, алы ирон бинонтæ, алы ирон сывæллон дæр хъуамæ зона ирон æвзаг, хъуамæ кæрæдзимæ иронау дзурой. Фæлæ, хъыгагæн, бирæ ирæттæ ферох кæнынц сæ мадæлон æвзаг, иронау дзурын сæ сæрмæ нал фæхæссынц. Ферох сæ вæййы куырыхон хистæрты ныхас: «Йæ мадæлон æвзаг чи ферох кæны, уыцы адæймагæн нæй цæсгом, нæй фидæн».

Байхъусут ма зараг ма

 

 

 

Зарæг " Мадæлон æвзаг".

Мах нырма стæм сабитæ,

Афтæмæй фыссæм.

Ахуыр кæнæм абетæ,

чингуытæ кæсæм.

 

Цас аргъæуттæ базыдтам,

Цас диссæгтæ,

Раст, цыма, зæрватыккау,

Чиныг у æгас.

 

Цас уарзæм ирон æвзаг,

уый зæгъæн дæр нæй.

Мады рæвдыд, мады ад

Базыдтам дæуæй.

 

Бон изæрмæ кадджытæ

Мах фæкæсæм фаг

Зæрдæйæн куыд адджын дæ

Мадӕлон ӕвзаг

Подробнее...

 

Ссылки

Решаем вместе
Не можете записать ребёнка в сад? Хотите рассказать о воспитателях? Знаете, как улучшить питание и занятия?
А+ А-